Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 8 ХАЙ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 8 ХАЙ
Рафыссын
Аходæнафон уыдаид, афтæ Тотырбег рацыди уынгмæ, акасти алырдæм. Æвзæр бон уыди. Сау денджызы ’рдыгæй дымдта уазал дымгæ. Мигътæ кæрæдзи фæдыл бырыдысты æмæ бырыдысты. Уаргæ нæ кодта, фæлæ уымæл уæнгты хъардта. Уынгты змæлæг нæ уыди — ахæм бон æнæ хъуыддагæй чи цæуы уынгмæ.
Калиткæйæ ракасти Дуня:
— Цæй-ма кооперативмæ кæд ныууайдзыстæм? Кæдмæ лæудзæн нартхор уæгъд кæлдтытæй? Картофтæ-йедтæ дæр нывыл æфснайд нæма сты... Зымæг та махмæ нæ кæсдзæн... Цæй, цы зæгъыс?
— Нæма мæ æвдæлы. Æз дын мæхæдæг зæгъдзынæн, — къуызгæйæ сдзырдта Тотырбег. Дуня бацыди мидæмæ.
"Куыд дары йæхи! — бадис кодта Тотырбег. — Айдæнæй сыгъдæгдæр, сихæй æнæтæригъæддæр цыма у, уый хуызæн... уал æмæ уал азы фæцæр йемæ æмæ йæ ма базон! Æппын æм дæ зæрдæ ма фехсайа!.. Куырм разындтæн, куырм. Бузныг Джанаспийæ — уый руаджы йæ базыдтон".
Иу цъусдуг ма алæууыди Тотырбег дуармæ, йæхимæ хъусгæйæ, стæй бацыди фæстæмæ кæртмæ. Йæ фæнд рæгъæд уыди, фæлæ йæ æххæст кæныныл тагъд нæ кодта. Йæхи уромын фæрæзта.
Иу-дæс минуты фæстæ та разынди Тотырбег дуармæ. Ацы хатт йæ къухы уыди фæрæт. Сындæг къахдзæфтæй бараст ис Тезиаты Исламы хæдзары ’рдæм. Æрлæууыди кæрты дуары цур. Иу цъусдуг алæууыди, хъуыдытæ кæнгæйæ, стæй бадзырдта:
— Ислам, ам дæ, цы?
Ног хабӕртты лентӕ
0