Цæгат Иры æрдзон бæллæхы зианæн саргъ кæныны фæдыл къамис бавнæлдта куыстмæ

© Photo : МВД Цæгат Иры ПАИ
Цæгат Иры ПАИ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июн – Sputnik. Цæгат Ирыстоны къуырисæры райсом райдыдта кусын æрдзон бæллæхы зианæн саргъ кæныны фæдыл къамис. Уый тыххæй фехъусын кодта регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ Telegram-каналы.
Хуыцаубоны æвзæр боныгъæды аххосæй фæдæлдон сты хисæрмагонд хæдзæрттæ Южный поселочы. Афтæ ма электроэнерги ахицæн фондз уынгыл, уагъд цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ.
Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл куыстытæ уагъд цæудзысты æрвыл суткæйы дæргъы.
Ног хабӕртты лентӕ
0