Дыууæ æнæпилотон тæхæг аппараты æрхаудтой æфтауцты цур Подмосковьейы

© Photo : telegram / Воробьёв LIVEДыууæ æнæпилотон тæхæг аппараты æрхаудтой æфтауцты цур Подмосковьейы
Дыууæ æнæпилотон тæхæг аппараты æрхаудтой æфтауцты цур Подмосковьейы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июн - Sputnik. Дыууæ æнæпилотон тæхæг аппараты æрхаудтой æфтауцты цур Наро-Фоминскы горæты зылды поселок Калининецы, фехъусын кодта йæ телеграм-каналы Уæрæсейы Мæскуыйы областы губернатор Андрей Воробьев.
"Абон дыууæ æнæпилотон тæхæг аппараты райсомæй 5.30 сахатыл æрхаудтой æфсæддонты архайды фæстиуæгæн æфтауцты цур. Сæ хæйттæ сын ссардтам, фехæлдтæ æмæ зианбаййафджытæ нæй", - ныффыста регионы сæргълæууæг.
Воробьев банысан кодта, территори кæй сæхгæдтой басгæрстæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0