Хуссар Иры президент раарфæ кодта Мæскуыйы мэрæн

© Фотохост-агентство РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта Мæскуыйы мэрæн
Хуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта Мæскуыйы мэрæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Мæскуыйы мэр Сергей Собянинæн йæ райгуырæнбоны цытæн, схуыдта йæ ахæм адæймаг, кæцыйæн Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаг у сæйрагдæр.

"Мæскуыйы мэры бынаты бирæ азты дæргъы Ды ахъаззагæй бакуыстай Уæрæсейы столицæйы алыварсон райрæзтыл. Компетентондзинад, бæрнондзинад æмæ нысантырнæн ахъаз сты масштабон проекттæ реализаци кæнынæн дунейы мегаполистæй сæ стырдæртæй иуæй саразын комфортон бынат æмæ нырыккон инфраструктурæимæ горæт", - дзырдæуы арфæйы ныхасы.

Республикæйы сæргълæууæг банысан кодта, Хуссар Ирыстоны аргъ кæй кæнынц Мæскуыйы мэриаимæ хæларадон ахастытæн.
Сергей Собяниныл æртыццæджы æххæст кæны 65 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0