Нарты кадджытæ. Сатана Уырызмæджы ус куыд ысси. Уырызмæг æмæ Донбеттыртæ

Нарты кадджытæ. Сатана Уырызмæджы ус куыд ысси. Уырызмæг æмæ Донбеттыртæ
Рафыссын
Уырызмæг афæдзбалцы цыди. Йæ ус Йелда хуынди. Æмæ йын загъта Уырызмæг:
- Æз афæдзбалцы цæуын, æмæ-иу хæрд-нозт ысцæттæ кæн ме рбаздæхынмæ: адæм мæм æгасцуай зæгъынмæ цæудзысты.
Афæдзы кæронмæ ма дыууæ къуырийы уыди, афтæ Йелда цæттæ кæнын байдыдта нозтытæ. Сфыхта æмæ сæ батыдта, раздæр уал мæ нозты куыст бакæнон, зæгъгæ, Æмæ йын нал æмæ нал æнхъызтысты. Уыдонæн Сатан – арвы хин æмæ зæххы кæлæн – хин ыскодта…
Сатан загъта йæхинымæр: Уырызмæг Йелдайы номыл куы базæронд уа, уæд Борæтæн сæ мыггаг аивдзæн æмæ сæфтмæ цæудзысты. Æз кæмæ ацæуон, уыцы мыггаг та тыхджындæр фæуыдзысты Борæтæй. Йæ хорзы æддæмæ ничи дæтты æмæ, цæй, Уырызмæгæй мæхицæн мой ыскæнон".
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0