Хуссар Ирыстоны ацыд Женеваг дискусситы æмсæрдарты фембæлд

© Газета "Южная Осетия"Хуссар Ирыстоны ацыд Женеваг дискусситы æмсæрдарты фембæлд
Хуссар Ирыстоны ацыд Женеваг дискусситы æмсæрдарты фембæлд   - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik.Цхинвалы ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы æмсæрдаты фембæлд, хъусын кæны Южная Осетия.
Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, Женеваг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Коцты Константин арфæйы ныхас загъта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта Женеваг форматы ахсджиагдзинад.
"Женеваг дискусситы боны фæткмæ хъæуы рахæссын Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ᾿хсæн арæнты демаркаци æмæ делимитацийы фарста", - радзырдта хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг.
Европæйаг Цæдисы ᾿рдыгæй Дискусситы æмсæрдар Тойво Клаар фехъусын кодта йæ коллегатимæ нырид кæй ауагътой фембæлдтæ Мæскуы æмæ Тбилисы, сом адарддæр кæндзысты сæ куыст Сухумы.
"Уый у дискусситы 58-æм раундмæ цæттæ кæнынмæ традицион хай, ныфс мæ ис, иумæ кæй æрцæудзыстæм, куыд саразæм ацы фембæлд алкæмæндæр пайдаджын", - загъта уый.
Традицимæ гæсгæ, дарддæр Женеваг дискусситы фембæлд ацыдис æнæ журналистты хайадистæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0