Куыд цæуынц Цхинвалы хиды арæзтад æмæ Къуаисайы донифтонгад

© Sputnik / Наталья АйриянКуыд цæуынц Цхинвалы хиды арæзтад æмæ Къуаисайы донифтонгад
Куыд цæуынц Цхинвалы хиды арæзтад æмæ Къуаисайы донифтонгад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik. Цхинвалы ног хид саразын ("Зæронд хид"-ы бынаты) æмæ Къуаисайы цæрджыты нуазыны донæй сифтонг кæныны фарстатыл æрныхас кодтой 2023-2025 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтæн æххуысы фæдыл Инвестпрограммæ реализаци кæныны штабы уынаффæйы æмбырды. Æмбырд ауагъта республикæйы хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константин, хайад дзы райстой министрадтæ, уагдонадтæ æмæ амайæг организациты къухдариуæггæнджытæ, хъусын кæны Кабмины пресс-службæ.
Амайыны министр Елдзарты Константин радзырдта куыд цæуы стыр Леуахийы сæрты хиды арæзтад, æвзæр боныгъæды тыххæй нæ уыди фадат æрæвналын куыстыты кæцыдæр хуызтæм, фæлæ къуырийы кæронмæ арæзт æрцæудзысты ног графиктæ æмæ амайын хъуыддаг дарддæр акæндзысты.
Премьер бахахх кодта, тынг ахсджиаг кæй у рæстæгыл Къуаисайы цæрджыты сифтонг кæнын нуазыны донæй, уымæн æмæ уæлдайдæр къæвдабонты рæстæджы доны гъæд, æмæ йæ бæрцы уавæр хуыздæрхъуаг вæййы.
"Къуаисайы сыгъдæг нуазыны дон кæй нæ фаг кæны, уый ног проблемæ нæу. Цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц фарстайы скъуыдздзаг кæнынмæ, уый тыххæй ахсджиаг у райдайын амайын альтернативон донæвæрæн рæстæгыл", - загъта хицауады сæргълæууæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0