Хуссар Иры сарæзтой ног паддзахадон уагдон

© Sputnik / Natalia AiriyanХицауады рабадт
Хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта ног паддзахадон бюджетон уагдон "Республикон ветеринарон лаборатори"-йы арæзтад.
Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан банысан кодта, ацы скъуыддзаг райстæуыд, уымæн æмæ Югоссельхознадзоры ис цæрæгойты низты иртæстыты дæлхайад, кæцы аразы низты лабораторон иртæстытæ, фæлæ ацы уагдонæн ахæм æххæстбартæ ма хъуамæ уа.
Ног уагдоны арæзтадæн Югоссельхознадзоры структурæйæ рахицæн кæндзысты паддзахадон службæгæнджыты дæс штаты æмæ дыууæ та техникон кусæджы. Æдæппæт "Ветеринарон лаборатори"-йы уыдзæн 15 кусæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0