Транскамы сног кодтой уӕлфыст "Цвети, Осетия моя"

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Транскавказы автомагистралы сног кодтой инсталляци "Цвети, Осетия моя", ныр уӕлфыст у рӕсугъд ӕмӕ хорз зыны ӕхсӕв дӕр, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн Дзауы районы пресс-службӕйы.
Фыст конд у ӕртӕ баннерӕй, уыдон сты ирон тырысайы ахорӕнты.
"Фарон нӕ фӕндыд саразын ацы хъуыддаг ӕмӕ нын бантыст ныр. Гуфтайы хиды сӕрмӕ фыст ныр у рӕсугъд ӕмӕ дардмӕ цӕхӕр калы бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр", - хъусын кӕны районы администрацийы хистӕр Тыбылты Вандайы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Фыст фыццаг хатт фӕзынд 90-ӕм ӕзты гуырдзыимӕ хӕсты тӕмӕны. Ныр йӕ рацарӕзт ӕххӕст ӕрцыд районы цӕрӕнуатон-коммуналон кусджыты тыхтӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0