Хуссар Иры президент ауагъта кадрон ивындзинæдтæ

© Sputnik / Аслан ТедеевХуссар Ирыстоны президент ауагъта кадрон ивындзинæдтæ
Хуссар Ирыстоны президент ауагъта кадрон ивындзинæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан цыппæрæмы сарæзта кадрон ивындзинæдтæ, бæстондæрæй та:
Хицауады аппараты къухдариуæгæй нысангонд æрцыд Хъотайты Сæрмæт. Раздæры кусæг Джуссойты Алан сæрибаргонд æрцыд йæ бынатæй.
Президенты администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæгæй нысангонд æрцыд Тыбылты Алан. Раздæры кусæг Цоциты Анна сæрибаргонд æрцыд йæ бынатæй.
Сæрибаргонд æрцыд йæ бынатæй президенты администрацийы къухдариуггæнæджы фыццаг хæдивæг Джуссойты Сослан.
Республикæны Юстицийы министрады æфхæрдтæ сæххæст кæныны фæткдаруаты сæргълæууæгæй нысангонд æрцыд Гæджиты Эдуард.
Паддзахадон службæ, хорзæхтæ æмæ кадрты фастыты фæдыл фæткдаруаты сæргълæууæг Абайты Залинæйы ссæрибар кодтой йæ бынатæй.
Религийы барты фæдыл президенты æххæстбарджын Хуыбиаты Соня сæрибаргонд æрцыд йæ куысты бынатæй.
Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæдивæгæй - финансон хайады сæргълæууæгæй нысангонд æрцыд Коцты Фатимæ.
Банысангонд æрцыд, кадрон ивындзинæдты фæдыл барамынд йæ тыхы бацыд йæ бафысты бон 29 июнæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0