Хуссарирыстойнаг ахуыргæндтæ исынц хайад этнологты конференцийы Санкт-Петербурджы

© Photo : Из архива Р. Кулумбегова Хуссарирыстойнаг ахуыргондтæ исынц хайад этнологты конференцийы Санкт-Петербурджы

Хуссарирыстойнаг ахуыргондтæ исынц хайад этнологты конференцийы Санкт-Петербурджы
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстонæй ахуыргæндтæ райстой хайад Уæрæсейы антропологтæ æмæ этнологты Æхсæнадæмон конференцийы. Куыд радзырдта Sputnik-æн делегаттæй иу – Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты этнологийы хайады сæргълæууæг æмæ ХИПУ Ирыстоны истори æмæ Кавказзонынады кафедрæйы гæс Хъуылымбегты Роберт, афтæмæй мадзал масштабон у æмæ цæудзæн къуырийы бæрц.

"Пленарон рабадт райдыдта къуырисæры, уый размæ цыдысты хицæн цæттæ кæныны мадзæлттæ, кæцыты мах райстам хайад. Сæрмагонд мадзал ацыд Таврикон залы. Хайад дзы райстой 500 делегаты бæрц æппæт Уæрæсе æмæ хæларадон паддзахадтæй", - загъта делегат.

Куыд бафтыдта Хъуылымбегты Роберт, афтæмæй хуссарирыстойнаг делегацийы сконды ма сты ХИЗИИ ног æмæ нырыккон историйы хайады сæргълæууæг, ХИПУ философийы кафедрæйы профессор Дзугаты Къоста æмæ ХИЗИИ этнологийы хайады зонадон кусæг Пæррæстаты Ирма. Алкæцыдæр сæ æрбавдисдзæн йæ доклад секцитæм гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0