Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦМЫСТÆ. ДАДА ÆМÆ ХЪÆБАТЫР БЫНДЗ. КУЫСЫФТÆГ ÆМÆ ДУРЫН. ТУЛДЗ ÆМÆ МÆЦКЪОР

КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦМЫСТÆ. ДАДА ÆМÆ ХЪÆБАТЫР БЫНДЗ. КУЫСЫФТÆГ ÆМÆ ДУРЫН. ТУЛДЗ ÆМÆ МÆЦКЪОР
Рафыссын
Дадайы фæлмæцын кодтой сау бындзытæ, афтæмæй семæ тох кæнынæн ницы уыйас амал кодта. Иуæй-иу хæдзæрттæ дардтой бындзмарæн гæххæттытæ, пъолтæ фæтæгенæй сæрфтой, стъолыл хойраджы мурæй ницы уагътой, æнæуый дæр сырдтой бындзыты. Фæлæ дада ахæм амалтæй ницы кодта, дзæгъæл хъуыддаг æм кастысты. Рацæуы дада балкъонмæ, сбады æмæ куыддæр йæ зæрдæйы дзæбæхæн афæлгæсы хæхтыл, хъæдтыл, афтæ йыл амбырд вæййынц бындзытæ, чи йын йæ фындзыл абады, чи йæ русыл, чи йæ бæрзæйыл. Йæ къух бæргæ фæхъил кæны дада, фæлæ кæм æййафы бындзы — уый иу ранæй фесты æмæ æндæр ран абады. Дадайæн дæс къухы куы уыдаид, уæд, чи зоны, йæхимæ бындз не ’рбауагътаид, фæлæ йын дыууæ къухы йеддæмæ нæй, æмæ йын бындзытæ тых кæнынц. Фæлæ сыл ахуыр уыди — зыдта сын сæ гуырæн бон дæр, сæ сæфты бон дæр. — Додой мын уæ къона,— дзырдта йæхинымæры дада,— зымæг та æрцæуы, æмæ, уыдыстут æви нæ, уый бæрæг дæр нал уыдзæн.
***
Раджыма-раджыма цардысты, уыдысты дыууæ хæлары — Куысыфтæг æмæ Дурын. Иу хатт Куысыфтæг бацыди Дурынмæ æмæ йын загъта: — Мæ хæлар Дурын, иу ран бадгæйæ схъуына уыдзыстæм, цом бæстæтыл ахæтæм. — Нæй гæнæн, Куысыфтæг, — нæ фæндагыл стыр цæугæдон ис, ноджы ныр йæ ивылыны рæстæг у, æмæ мæ дон йæ бынмæ куы аласа, уымæй тæрсын. — Ма тæрс, мæ хæлар, æз дын æххуыс кæндзынæн. — Додой мын уæ къона,— дзырдта йæхинымæры дада,— зымæг та æрцæуы, æмæ, уыдыстут æви нæ, уый бæрæг дæр нал уыдзæн.
***
Айнæг къæдзæхау æнæ тасгæ лæууыди хъæды астæу зæронд Тулдз. Бирæ къæвдатæ æмæ хуртæ, бирæ уадтæ æмæ зилгæдымгæтæ федта уый йæ царды бонты. Уады цæфтæй йæ алыварс æндæр бæлæстæ гæбазгай фæйнæрдæм хаудтой, фæлдæхтысты бындзарæй. Уыдон-иу уайтагъд азæронд сты, ахаудтой-иу æмæ сæ бынæтты æвзæрыдысты ног талатæ. Фæлæ Тулдз лæууыди æмæ лæууыди, царди æмæ царди, кæд райгуырди, цалæм сæдæ азы йыл цыди, уый йæхæдæг дæр нал зыдта.
Ног хабӕртты лентӕ
0