Цхинвалы донифтонгад. Куыд ӕмӕ кӕцӕй исы дон Хуссар Иры столицӕ

Дон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы донифтонгад цӕуы дыууӕ хаххыл - Едыс-Цхинвал ӕмӕ Уанат-Цхинвал.
Столицӕйы хӕрдзтӕ фылдӕр бӕрцӕй сты магистралон хаххӕй. Дыккаджы та йӕ арӕзтады рӕстӕг дӕр хуыдтой куыд уӕлӕмхас. Цхинвалы цӕгат фарсы доны уавӕр Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг микрорайонтӕ дон исынц комкоммӕ магистралон линийӕ.
Ацы уавӕры ӕвӕрццӕг уый у ӕмӕ уыдонмӕ ӕнӕрлӕугӕ цӕуы дон, фӕлӕ дзы ӕппӕрццагӕй та уый ис ӕмӕ уыдонӕн нӕй бактӕ, стӕй сӕм резервуарты дон дӕр нӕ арӕхсы ӕмӕ Едыс-Цхинвалы чысыл авари дӕр ӕцӕг бӕллӕх свӕййы.
Едыс-Цхинвал у донифтонгады сӕйраг хахх. Урстуалты комӕй рацӕугӕйӕ фӕндагыл йӕ гуырахсты ахадгӕ хай исы Дзау, дыккаг стыр гуырахст дӕтты комкоммӕ цӕгаттаг микрорайонтӕн, баззайгӕ хаййӕ та йедзаг кӕнынц Тулдзы къохы резервуартӕ. Донӕмбырдгӕнӕнтӕй стӕй цӕуы ифтонг Цхинвалы хуссар хай ӕмӕ централон хай.
Уанат-Цхинвал сцӕттӕ ис 2021 азы, уый уӕлӕмхасӕй горӕтӕн радта 15 мин кубы дон. Йӕ донӕмбырдгӕнӕнтӕ сты Присы хъӕуы, уыдонӕй дон цӕуы горӕты ӕгас скӕсӕн фарсмӕ ӕмӕ йӕ хуссар фарсы иу хаймӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0