УФ æфсæдтæ Краматорск фехсыны фæстиуæгæн скуынæг кодтой 2 украинæйаг инæлар æмæ 50 офицеры

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУФ æфсæдтæ
УФ æфсæдтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik. Дыууæ украинæйаг инæлар æмæ 50 офицеры скуынæг кодтой æндæрæбон Краматорск фехсыны фæстиуæгæн, фехъусын кодтой Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады.
"Итттæг дырыс ракетæтæй 27 июны Донецкаг Адæмон Республикæйы Краматорск горæты Украинæйы Гарзджын тыхты 56-æм хицæн мотопехотон бригадæйы дислокацийы пункт фехсыны фæстиуæгæн скуынæг кодтой дыууæ инæлары, 50 офицеры, афтæ ма 20 фæсарæйнаг æфсæддон уынаффæгæнæджы", - хъусын кæны РИА Новости æфсæддон уагдоны бæрæггæнæнтæ.
Знон Хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, УФ Гарзджын тыхтæ кæй фехстой Краматорскы Украинæйы æфсады 56-æм мотопехотон бригадæйы командæкæнынады дислокацийы пункт.
Ног хабӕртты лентӕ
0