https://sputnik-ossetia.com/20230630/analog-kmn-ny-akhm-ratsyd-rttomon-iron-nartiadyy-entsiklopedi-24224741.html
Аналог кæмæн нæй ахæм: рацыд æртæтомон "Ирон Нартиадæйы энциклопеди"
Аналог кæмæн нæй ахæм: рацыд æртæтомон "Ирон Нартиадæйы энциклопеди"
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты ацыд Ирон Нартиадæйы æртæтомон энциклопедийы презентаци. Бакуыстой йыл 50 адæймагæй фылдæр, проекты... 30.06.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-06-30T16:20+0300
2023-06-30T16:20+0300
2023-06-30T16:20+0300
цӕгат ирыстон
хуссар ирыстоны
зонад
культурӕ
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/06/1e/24224573_0:880:1280:1600_1920x0_80_0_0_8ae2bf83880f7bb1f75bfe3da3a01c3d.jpg
Аналог кæмæн нæй ахæм: рацыди æртæтомон «Ирон Нартиадæйы энциклопеди»
Sputnik Хуссар Ирыстон
Аналог кæмæн нæй ахæм: рацыди æртæтомон "Ирон Нартиадæйы энциклопеди"
Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты ацыд Ирон Нартиадæйы æртæтомон энциклопедийы презентаци. Бакуыстой йыл 50 адæймагæй фылдæр, проекты автор – Хуссар Ирыстоны фыццаг президент, профессор, историон зонæдты доктор Цыбырты Людвиг.Куыд радзырдта Sputnik-æ ахуыргонд, афтæмæй ахæм энциклопеди нырма иу адæммæ дæр нæй, æмæ уымæ гæсгæ у уникалон."Дунейы дыууынæй фылдæр адæммæ ис эпос. Фæлæ уыдонæй иуæн дæр нæй ахæм энциклопеди – ацы хъуыддаджы мах стæм фыццаг. Куыстам проектыл æхсæз азæй фылдæр. Хайад дзы райстой 50 ахуыргондæй фылдæр. Тынг бузныг сæ фæдæн, мах кæрæдзи æмбæрстам, уымæ гæсгæ нæ куыст рауад хорз. Фидарæй мæ бон у зæгъын – куыст фыст у академион æмвæзадыл", - загъта ныхасæмбал.Нырма уал æртæтомон энциклопеди æрвыст æрцæудзæн скъолатæ, уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ библиотекæтæм, уый фæстæ йæ æнцонæй уыдзæн ссарæн.Презентацимæ æрбауазæг сты минæвæрттæ Ирыстоны дыууæ хаййæ дæр.Бæстондæрæй энциклопедийы тыххæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/06/1e/24224573_0:640:1280:1600_1920x0_80_0_0_190b0500f6e0a687eacaf37ceaaffca4.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, хуссар ирыстоны, зонад, культурӕ, ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон, хуссар ирыстоны, зонад, культурӕ, ног хабӕрттӕ
Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты ацыд Ирон Нартиадæйы æртæтомон энциклопедийы презентаци. Бакуыстой йыл 50 адæймагæй фылдæр, проекты автор – Хуссар Ирыстоны фыццаг президент, профессор, историон зонæдты доктор Цыбырты Людвиг.
Куыд радзырдта Sputnik-æ ахуыргонд, афтæмæй ахæм энциклопеди нырма иу адæммæ дæр нæй, æмæ уымæ гæсгæ у уникалон.
"Дунейы дыууынæй фылдæр адæммæ ис эпос. Фæлæ уыдонæй иуæн дæр нæй ахæм энциклопеди – ацы хъуыддаджы мах стæм фыццаг. Куыстам проектыл æхсæз азæй фылдæр. Хайад дзы райстой 50 ахуыргондæй фылдæр. Тынг бузныг сæ фæдæн, мах кæрæдзи æмбæрстам, уымæ гæсгæ нæ куыст рауад хорз. Фидарæй мæ бон у зæгъын – куыст фыст у академион æмвæзадыл", - загъта ныхасæмбал.
Нырма уал æртæтомон энциклопеди æрвыст æрцæудзæн скъолатæ, уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ библиотекæтæм, уый фæстæ йæ æнцонæй уыдзæн ссарæн.
Презентацимæ æрбауазæг сты минæвæрттæ Ирыстоны дыууæ хаййæ дæр.
Бæстондæрæй энциклопедийы тыххæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны.