Бететы Юрий: Æнæмæнгæй хъæуы хъус дарын историон цыртдзæвæнтæм

Бететы Юрий: Æнæмæнгæй хъæуы хъус дарын историон цыртдзæвæнтæм
Рафыссын
Гид æмæ æхсæнадон архайæг, этнохъæу "Борджнис"-ы бындурæвæрæг Бететы Юрий радзырдта Sputnik-æн, Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы кæй райдыдтой æххæст кæнын XVIII æнусы фидары территорийы хæрзарæзтад Хеиты хъæуы,
Уый банысан кодта, хæрзарæзтады фæстæ ацы бынат кæй уыдзæн популярон бынæттон цæрджытæ æмæ республикæйы уазджытæн.
"Аналогион куыстытæ уагъд цæуынц æндæр историон объекттыл дæр. Иры-хъæу, Дменис æмæ Чъехы ныридæгæн ауагътой куыстытæ мæсгуыты территорийы хæрзарæзтады фæдыл. Ацы ранмæ хæстæг ис рагон моладзандон. Уымæ йæ хъус дардзæн хъахъхъæнынады министрад", - радзырдта Бететы Юрий.
Уый уырны, æрмæстдæр иумæйаг тыхтæй кæй ис гæнæн саразын республикæ зæрдæмæдзæугæ туристтæн.
Бæстондæрæй фидары хæрзарæзтады тыххæй байхъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0