Хуссар Иры Цхинвалы районы рагон мæсыджы территорийæн сæххæст кæндзысты хæрзарæзтад

© Sputnik / Natalia AiriyanХеиты фидар
Хеиты фидар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы райдыдтой æххæст кæнын XVIII æнусы фидары территорийы хæрзарæзтад Хеиты хъæуы, куыстытæ уадзы Паддзахадон унитарон куыстуат "Капиталон арæзтады фæткдаруат".
Куыстуаты кусджытæ райдыдтой историон цыртдзæвæнмæ фæндаджы хæрзарæзтадæй. Куыстыты архайынц компанийы фараст кусæджы.
Гид æмæ æхсæнадон архайæг, этнохъæу "Борджнис"-ы бындурæвæрæг Бететы Юрий радзырдта Sputnik-æн, объект кæй ис иттæг хорз уавæры.
"Æнæмæнгæй хъæуы хъус дарын ахæм историон цыртдзæвæнтæм", - загъта Бететы Юрий.
Уый ма банысан кодта, хæрзарæзтады фæстæ ацы бынат кæй уыдзæн популярон бынæттон цæрджытæ æмæ республикæйы уазджытæн.
"Аналогион куыстытæ уагъд цæуынц æндæр историон объекттыл дæр. Иры-хъæу, Дменис æмæ Чъехы ныридæгæн ауагътой куыстытæ мæсгуыты территорийы хæрзарæзтады фæдыл. Ацы ранмæ хæстæг ис рагон моладзандон. Уымæ йæ хъус дардзæн хъахъхъæнынады министрад", - радзырдта Бететы Юрий.
Уый уырны, æрмæстдæр иумæйаг тыхтæй кæй ис гæнæн саразын республикæ зæрдæмæдзæугæ туристтæн.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан майы бахæс кодта культурæйы министрадæн æндæр уагдæттимæ иумæ саразын мадзæлтты комплекс культурæйы цыртдзæвæнты реставрацийы фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0