Кæм цæуынц практикæ ХИПУ студенттæ

© Sputnik / Natalia AiriyanКæм цæуынц практикæ ХИПУ студенттæ
Кæм цæуынц практикæ ХИПУ студенттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik, Гæбæраты Элина.Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæй сæдæйæ фылдæр цæуынц кондадон практикæ республикæйы алыхуызон уагдонадты. Куыд радзырдта Sputnik ХИПУ ахуырадон методикон фæткдаруаты сæргълæууæг Æлборты Мадина, иууыл фылдæр фæсивæд тымбыл кæнынц республикæйы тыхон структурæты.
Практикон архайды æмгъуыд вæййы æртæ къуырийæ æхсæз къуыримæ, кæцыдæр дæсныйæдты студенттæн практикæ райдайы фыццаг курсæй, зæгъæм экономисттæ, журналисттæ æмæ биохимиктæ.
"Иумæйагæй практикæ у куысты бындур. Теори студенттæ ахуыр кæнынц чингуытæй, гом æрмæджытæй, афтæ ма ахуыргæнджытæ дæр биноныгæй, уый фæстæ практикæйы сæхæдæг дæр хайад исынц куысты. Æнæмæнгæйдæр теори хъæуы фидар кæнын практикæйæ", - загъта ныхасæмбал.
Куыд ма бафтыдта Æлборты Мадина, афтæмæй студенттæ "Медицинская биохимия" цæуынц практикæ РБМЦ-йы, психологтæ – МХМ, фидæны фармацевттæ – Цхинвалы централон афтечы, математикæйы студенттæ – Сбербанк æмæ компани "МегаФон – Хуссар Ирыстоны". Афтæ ма æмбæстагон æмæ амалиуæгадон арæзтады студенттæ сæ дæсныйад райрæзын кæнынц Хуссар Ирыстоны арæзтады объектты.
Ног хабӕртты лентӕ
0