Сергей Лавров радзырдта Каховкайы ГЭС цалцæджы тыххæй

© Sputnik / Таисия Воронцова /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров радзырдта Каховкайы ГЭС цалцæджы тыххæй
Сергей Лавров радзырдта Каховкайы ГЭС цалцæджы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Сергей Лавров банысан кодта, Каховкайы ГЭС-ы цалцæгыл ныридæгæн архайынц, фæлæ процессы хъæуы рæстæг, хъусын кæны РИА Новости.
"Зиан хæдзæрттæ, заводтæ æмæ граждайнаг секторæн хъæуы оперативонæй аиуварс кæнын, фæлæ донмарæны цалцæджы бахъæудзæн рæстæг", - загъта министр майрæмбоны брифингы рæстæджы.
Уый размæ Уæрæсейы президент Владимир Путин схуыдта ГЭС-ы фехæлд Киевы режимы варварон акци æмæ банысан кодта, уый кæй æркодта егъау экологон æмæ гуманитарон катастрофæмæ. УФ хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу фехъусын кодта, Киевы режим кæй спырх кодта Каховкайы ГЭС, уымæн æмæ ракодта Херсоны здæхтæй йе ‘фсæдты хай контрразмæбырсты районмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0