Цхинвалы æрныхас кодтой Уæрæсе æмæ Хуссар Иры ᾿хсæн æмгуыстадыл

Цхинвалы æрныхас кодтой уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ᾿хсæн æмгуыстадыл
Цхинвалы æрныхас кодтой уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ᾿хсæн æмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонæн финансон æххуыс æмæ Инвестпрограммæйы реализаци, афтæ ма республикæйы паддзахадон программæйы социалон-экономикон райрæзтыл æрныхас кодтой Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ᾿хсæн кусæгон уынаффæйы æмбырды.
Куысты хайад исынц республикæйы президент Гаглойты Алан æмæ уæрæсейаг минæвар Марат Кулахметов, æрцæугæ делегацийы минæвæрттæ сты УФ президенты æхсæнрегионалон æмæ æхсæнкультурон бастдзинæдты фæдыл фæткдаруат Игорь Масловы сæргълæудæй, экономикон райрæзты министры хæдивæг Дмитрий Вольвач æмæ энергетикæйы министрады минæвæрттæ сæрмагонд программæты департаменты директоры хæдивæг Петр Воронцовы сæргълæудæй.

"Алцыдæр иуварсон æмæ хуымæтæг нæу, ныфс мæ ис æргом ныхас кæй æрцæудзæн не ᾿хсæн. Кæд æмæ рахæсгæ уынаффæтæм гæсгæ уа исты фиппайнæгтæ æмæ æнхъарæнтæ ивындзинæдтæ бахæссынæн, мах цæттæ стæм ныхас кæнын æмæ скъуыддзæгтæ хæссынмæ. Нæ абоны куыстимæ баст уыдзæн, куыд æххæст цæудзысты æрæмныхгонд программæтæ æмæ нысæнттæ, кæцытæ нæ къухы хъуамæ бафтой", - загъта уый.

Делегаци бабæрæг кодта столицæ æмæ районты арæзтады объектты хыгъд, нывæсты ис балц Ленингоры районмæ дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0