Уæрæсе бузныг у Хуссар Ирæн СÆО-йы æхууысы тыххæй – Вольвач

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны бархион
Хуссар Ирыстоны бархион - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik, Козаты Диана. Уæрæсейы экономикон райрæзты министры хæдивæг бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ адæмæн УФ позици æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) æххуысы тыххæй.
Цхинвалы ацыд рабадт социлон-экономикон æмгуыстады фæдыл Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн. Рабадты хайад райстой президент Гаглойты Алан æмæ уæрæсейаг минæвар Марат Кулахметов.
"Хуссар Ирыстоны хуыздæр хъæбултæ уæрæсейаг æфсад æмæ бархионтимæ иумæ тох кæнынц знаджы ныхмæ. Уыдон скъуыддзаг кæнынц ахсджиаг хæслæвæрд æмæ нæ дæттынц шанс нацистон реваншæн. Мах уын стыр бузныг дзурæм уый тыххæй", - фехъусын кодта Вольвач.
Хуссар Ирыстоны бархионтæ, афтæ ма республикæйы æмбæстæгтæ, кæцытæ службæ кæнынц 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы, сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй æххæст кæнынц хæстон хæслæвæрдтæ. Уыдонæй бирæтæ хъайтардзинад равдисыны тыххæй райстой бæрзонд хорзæхтæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы фæмардысты дыууынæй фылдæр хæстоны Хуссар Ирыстонæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0