Цæгат Ирыстоны фæзындзæн ног арт-объект "Æфсати"

© Photo : 15-Й РЕГИОНЦæгат Ирыстоны фæзындзæн ног арт-объект "Æфсати"
Цæгат Ирыстоны фæзындзæн ног арт-объект Æфсати - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 июл - Sputnik. Цæгат Ирыстоны Цейы фæзындзæн ног къулыл фыст арт-объект "Æфсати", хъусын кæны 15 Регион.
Куыст сæххæст кодтой Дзанайты А. номыл Дзæуджыхъæуы аивадон ахуырадон уагдоны дыккаг курсы студенттæ.
Аивныв арæзт у къæйдурыл æмæ йæ æввахс рæстæджы нывæсты ис æрбаласын тобæгонд хъæдмæ, цæмæй йæ сæвæрой.
Аивнывыл куыст цыдис къуыримæ æввахс. Арт-объект саразыны хъуыды æрцыдис тобæгонд хъæды директормæ, студентты хæрдзтæ иууылдæр йæхимæ айста.
Ног хабӕртты лентӕ
0