Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады офицертæ уæлдæр кæнынц сæ дæсныйад

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады офицертæ уæлдæр кæнынц сæ дæсныйад
Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады офицертæ уæлдæр кæнынц сæ дæсныйад  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады фæткдаруаты органты офицертæ æмæ дæлхайадты командиртæ æрæвнæлдтой тактикæ, сгарæн æмæ инженерон цæттæдзинадæй теоретикон ахуыртæм, хъусын кæны дыццæджы хъахъхъæнынадон уагдонады пресс-службæ.
Ахуыртæ уадзынц Хъахъхъæнынады министрады хайадты сæргълæуджытæ. Æркастæуыд фарстатæ: "Дæлхайадты фæтк дарын", "Нысан æмæ инженерон ифтонгады хæслæвæрдтæ æххæст кæныны фæтк" æмæ æндæр темæтæм.

"Сæрмагонд арæзтæн фæтк дарын бындуриуæг кæны командиры нысанмæздæхт архайд дæлхайадтæ æрвыл тыхон цæттæдзинады дарын. Афтæ ма командир хъуамæ зона раст уынаффæтæ хæссын æддæштатон уавæры", - банысан кодтой министрады.

Ахуыртæ цæуынц офицерты профессионализмы æмвæзад фæуæлдæр кæнын, цæмæй размæлæууæг хæслæвæрдтæ æнтысджынæй æххæст кæной куыд сабыр, афтæ хæстон уавæрты дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0