Хуссар Ирыстоны Хуыцъейы хъæуы районы цалцæг кæнынц Транскамы проблемон хай

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ирыстоны Хуыцъейы хъæуы районы цалцæг кæнынц Транскамы проблемон хай
Хуссар Ирыстоны Хуыцъейы хъæуы районы цалцæг кæнынц Транскамы проблемон хай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июл - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæндагон цалцæджы Комитет æрæвнæлдта Транскавказаг автомагистралы асфальт кæнынмæ. Куыстытæ арæзт цæуынц Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы арæнгæрон. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта Комавтодоры сæргълæууæг Гæбæраты Алан.
"Куыстытæ цæуынц раздæр асфальт кæм æрбадти, уыцы бынæтты. Фæндаджы ахæм хай ногæй асфальтгонд æрцæудзæн", – банысан кодта ныхасæмбал.
Куыстытæ æххæст цæуынц техникæйы дæсæй фылдæр иуæгæй æмæ кусджытæ та – дыууынæй фылдæр. Куыд банысан кодта уагдоны сæргълæууæг, афтæмæй Транскавказаг автомагистраль асфальтгонд цæуы сæрды райдианæй интенсивон темптæй, нырид æвæрд æрцыдис асфальт Уанелы хъæуæй уæрæсейаг арæнты онг. Комавтодор сиды фæндаджы змæлды хайадисджытæм æмбаргæ ахаст равдисын цалцæггæнæн куыстытæм, тагъдады режим, æмæ фæндагон змæлды æдасдзинады фæтк æххæст кæнын.
Транскавказаг магистраль у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ, йæ дæргъ у 164 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0