Цхинвалы ФТЦ зианбаййафæг сывæллонæн скодтой операци

© Sputnik / Maksim Bogodvid /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы ФТЦ зианбаййафæг сывæллонæн скодтой операци
Цхинвалы ФТЦ зианбаййафæг сывæллонæн скодтой операци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны медицинон хицауад фехъусын кодта фæндагон-транспортон цауы бахауæг дыууæ аздзыд чызгæн операци кæй скодтой сыхаг республикæйы.
Операцийæн бахъуыд профилон специалист. Сывæллонæн сарæзта операци нейрохирург сыхаг республикæйы. Йæ уавæр ныр у ауадзгæ мадзæлттæм гæсгæ æмбæлон", - æрхаста РЕС æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министры хæдивæг Сиукъаты Родионы цитата.
Банысангонд æрцыд, сывæллæтты рынчындонмæ пациент куы бахаудта, уæд æй æнæхъæнæй басгæрстой æмæ йын ауагътой æнæмæнгхъæуæг консевативон терапи. Анализтæ саразгæйæ йæ алоастой сыхаг республикæмæ. Сиукъаты Родионы ныхæстæм гæсгæ, рынчыны уавæры тыххæй информаци цæуы регуляронæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0