Цхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктæ æвæрын æмæ пайда кæныны тыххæй

© ЦОС ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктæ æвæрын æмæ пайда кæныны тыххæй
Цхинвалы цæрæджы æрцахстой наркотиктæ æвæрын æмæ пайда кæныны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Цхинвалы цæрæгæй æрдомдтой административон æрфарст наркотикон буарад æвæрыны тыххæй, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.
Хæдтулгæ Dodge Caliber скъæрæг, Цхинвалы 38-аздзыд цæрæджы æрурæдтой Гудзабары хъæуы наркотикон буарад бавæрыны тыххæй зæрдæмæхсайгæ кæй разынд.
"Басгæрсты фæстиуæгæн фæстаг бадæныл йæ уæлæдарæсы дзыппы разынд гæххæтын тыхтон зайæгойон буарадимæ. Истгонд буарад æрвыст æрцыд иртасынмæ, кæцы рабæрæг кодта тыхтоны кæй уыд наркотикон буарад – тамако æмæ марихуаннæйы хæццæ, йæ иумæйаг бæрц 0, 25 граммы", - радзырдтой МХМ.
Уагдонады банысан кодтой, хæдтулгæйы скъæрæг æмæ йæ пассажиры кæй арвыстой медиционон басгæрстмæ. Тæрхон рахаста скъуыдздзаг штраф бафидын 4 мин сомы. Уымæй дæрддæр ма шофыр æмæ пассажирæй æрдомдзысты административон дзуапп наркотиктæй æнæзакъонæй пайда кæныны тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0