XX ӕнусы фыццаг ӕмбисы фотопластинкӕты æрмæгыл бакусдзæн сфӕлдыстадон Совет

© Sputnik / alekseikovalevXX ӕнусы фыццаг ӕмбисы фотопластинкӕты æрмæгыл бакусдзæн сфӕлдыстадон Совет
XX ӕнусы фыццаг ӕмбисы фотопластинкӕты æрмæгыл бакусдзæн сфӕлдыстадон Совет - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. XX ӕнусы фыццаг ӕмбисы фотопластинкӕты бӕстон сахуыр кӕныны тыххӕй ацы къуырийы ӕрӕмбырд кӕндзысты сфӕлдыстадон совет, фехъусын кодта Sputnik культурӕйы министры хӕдивӕг Мамиты Григорий.
Авджы ӕрмӕгыл ист къамтӕ ссардтой музейы зӕронд бӕстыхайы Sputnik кусджытӕ, уагдоны сӕдӕ азы юбилейы цытӕн ӕрмӕг куы цæттæ кодтой, уӕд.
"Sputnik кусджытӕ истой видео Национ музейы сӕдӕ азмӕ ӕмӕ уӕд ссардтой авгджын негативтӕ. Уыдон ист ӕрцыдысты XX ӕнусы 20-40 азты. Кадртыл ис бирӕ цымыдисон адӕм, ӕрдз, хъӕууонхӕдзарадон куыстытӕ. Ракодтам сӕ цифрӕйон форматмӕ", - загъта ныхасæмбал.
Мамиты Григорий фиппайнагмæ гæсгæ, гӕнӕн ис ӕмӕ ацы рагон кадртӕ систа Тугъанты Махарбег.
"Дырысӕй мӕ бон нӕу зӕгъын, фӕлӕ гӕнӕн ис æмæ сӕ автор разына нӕ номдзыд нывгæнæг Тугъанты Махарбег", - бахахх кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0