Чъехы донхæрæн каналы иу хайыл æрцыд авари

© Sputnik / Михаил ХасиевЧъехы донхæрæн каналы иу хайыл æрцыд авари
Чъехы донхæрæн каналы иу хайыл æрцыд авари - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл – Sputnik. Паддзахадон уагдонад "Мелиорация"-йы кусджытæ æрæвнæлдтой Чъехы донхæрæн каналы хайыл æрцæуæг аварийы фæстиуджытæ аиуварс кæныны куыстытæм. Куыд хъусын кæны Хъæууон-хæдзарады министрады пресс-службæ, аварийы аххосаг у донхæрæн каналы хæтæл кæй атыдта, уый.
"Цалцæггæнæн куыстыты тыххæй аскъуыдздзаг кодтам рæстæгмæ æрæхгæнын канал, уый у æнæмæнгхъæуæг мадзал. Хорз боныгъæды уавæрты авари аиуварс кæндзыстæм дыууæ бонмæ", - банысан кодтой ПУ "Мелиорация"-йы.
Чъехы донхæрæн каналæй пайда кæнынц Цхинвалы æмæ Знауыры районы цæрджытæ. Магистралон линийы æмæ йæ къабузты иумæйаг дæргъ у 26 километры. Дон æм цæуы Стыр Леуахийыл æвæрд Чъехы гидротехникон арæзтæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0