Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрад уадзы æрсидтонтæн ахуыртæ райгуырæн бæстæйы историйæ

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры Хъахъхъæнынады министрад уадзы æрсидтонтæн ахуыртæ райгуырæн бæстæйы историйæ
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрад уадзы æрсидтонтæн ахуыртæ райгуырæн бæстæйы историйæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад уадзы ахуыртæ æрсидтон æфсæддонтæн райгуырæн бæстæйы историйæ.
Министрады бахахх кодтой æфсæддон-патриотикон хъомыладæн кæй ис стыр нысаниуæг райгуырæн бæстæйы хъахъхъæныджыты хъомыл кæнынæн.
"Программæйы нывæсты ис аудиторион ахуыртæ, хæстон цыты бынæттыл экскурситæ, историон бынæттæ, дзуæрттæ, музейтæ бабæрæг кæнын. Хуссар Ирыстонæн ис хъæздыг истори æмæ алы æфсæддон дæр хъуамæ кад кæна йæ фыдæлты хъæбатырдзинадæн æмæ ахсджиаг цаутæй æххæст адæмы бирæ æнусон историйæн", - банысан кодтой уагдонады пресс-службæйы.
Хъахъхъæнынады министрады бафтыдтой, ранымайгæй мадзæлттæ кæй сты нысангонд æфсæддонты схъомыл кæнын куыд патриоттæ æмæ Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты.
Ног хабӕртты лентӕ
0