Хуссар Ирыстоны ног генералон прокурор ссис Собайты Григорий

© Диана КозаеваХуссар Ирыстоны ног генералон прокурор ссис Собайты Григорий
Хуссар Ирыстоны ног генералон прокурор ссис Собайты Григорий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент разыдзинад равдыста республикæйы президент генералон прокуроры бынатмæ кæй кандидатурæ æрбавдыста, уыимæ. 27 июны Гаглойты Алан æрбавдыста парламентмæ Собайты Григорийы кандидатурæ.
Ногæй æвзæрст генпрокурор загъта, Дзабиты Иналы хъуыддаджы аххосджынтæ кæй æрцæудзысты æфхæрд.
"Фæдæвзарæн куыстытæ не ᾿рдæууыдысты, дарддæр кæнынц. фидарæй мæ бон у зæгъын, аххосджынтæ кæй уыдзысты æфхæрд. Уголовон бæрндзинадæй нæ аивæрдзысты – уыцы фадат сын нæ уыдзæн", - загъта Собайты Григорий.
Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал фæзиан 2020 азы августы криминалон милицийы агъуысты æрфарсты рæстæджы. Йæ мæлæт ссис цалдæр мæйы дæргъы республикæйы æхсæнадон-политикон кризисы аххосаг, уый фæстиуæгæн хицауад сæ куыст ныууагътой æмæ закъондæттæг орган йæ куыстæй æрлæууын кодта.
Ног хабӕртты лентӕ
0