ХИПУ ректорæй ног æмгъуыдмæ сæвзæрстой Тедеты Вадимы

© Sputnik / Олег ДжагаевХИПУ ректорæй ног æмгъуыдмæ сæвзæрстой Тедеты Вадимы
ХИПУ ректорæй ног æмгъуыдмæ сæвзæрстой Тедеты Вадимы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik, Дзæгъиаты Олег.Хуссар-Ирыстойнаг паддзахадон университеты ректорæй ногæй сæвзæрстой Тедеты Вадимы фондз азы æмгъуыдмæ. Ахæм уынаффæ рахастæуыд цыппæрæмы VI зонадон-педагогон конференцийы.
Тедеты Вадимы кандидатурæйæн схъæлæс кодтой конференцийы 328 делегаты. "Ныхмæ" схъæлæс кодтой дыууæйæ, æртæ бюллетены уыдысты хæлд.
Ногæй æвзæрст ректор бузныджы ныхæстæ загъта кæй йыл баууæндыдысты, сæрмагонд бузныджы ныхас загъта республикæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы разамындæй.
"Цыдæриддæр арæзт æрцыди фæстаг 10 азы дæргъы, уыдæттæ се ᾿ппæт дæр сарæзтам иумæйагæй. Уый тыххæй мæ фæнды бузныджы ныхас зæгъын профессортæ æмæ ахуыргæнджытæн, афтæ ма университеты студенттæн. Дзырд уын дæттын, куыст адарддæр кæндзыстæм раздæр цы фæндаг равзæрстам, ууыл", - банысан кодта уый.
Раздæр ХИПУ зонадон совет разыдзинад равдыста, Тедеты Вадим 10 азы дæргъы цы куыст сæххæст кодта, уыцы хыгъдыл, æмæ æмдзыхæй рахастой йæ кандитатурæ ректоры бынатмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0