Цхинвалы мэри: горæты цады ацы аз дон нæ ауадздзысты

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы мэри: горæты цады ацы азы дон нæ ауадздзысты
Цхинвалы мэри: горæты цады ацы азы дон нæ ауадздзысты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл – Sputnik. Цхинвалы горæты цады ацы аз дон нæ ауадздзысты, фехъусын кодта столицæйы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Зозиты Эдуард.
Æрвылаз июлы мæйы найыны сезон Цхинвалы вæййы йæ тæккæ тæмæны. Фæлæ ацы аз горæты цад нырдæр ма лæууы сурæй.
"Администраци æмбары, горæты цæрджыты улæфæн бынат кæй у, фæлæ цады дон ауадзын нæ бон нæу, уымæн ис аххосæгтæ. Сæ иу баст у зæронд хид амайынимæ, цад байдзаг кæнынæн хъæуы "дуæрттæ" бакæнын, цæмæй дон ацæуа хъæугæ фæндагыл", - банысан кодта ныхасæмбал.
Уымæй дарддæр ма Зозиты Эдуард бахахх кодта, ныры рæстæджы Леуахийы дон кæй у змæст цъититæ тайыны тыххæй æмæ ахæм дон куы ауадзой цады, уæд æй арæх хъæудзæн ивын.
Ног хабӕртты лентӕ
0