Дзауы хъæуы бакæндзысты сæрдыгон лагерь скъоладзаутæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Дзауы хъæуы бакæндзысты сæрдыгон лагерь скъоладзаутæн
Дзауы хъæуы бакæндзысты сæрдыгон лагерь скъоладзаутæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июл – Sputnik, Козаты Диана. Дзауы скъола-интернаты базæйыл байгом уыдзæн сывæллæтты æнæнизкæнынады лагерь æрвылсуткæйон уæвынадимæ, фехъусын кодтой Ахуырады министрады.
Лагерь байгом уыдзæн 11 июлы, нывæсты ис бакæнын дыууæ ивæн къорды 45 сывæллонимæ. Алы къордæн дæр йæ бон уыдзæн лагеры арвитын дыууæ къуырийы.
"Сывæллæтты кар 12-14 азы. Фыццаджыдæр лагермæ фыст цæуынц æнæфæрæзджын æмæ бирæсывæллонджын бинонты сывæллæттæ, афтæ ма Хуссар Ирыстоны хъахъхъæныджытæй хæстон архайды чи фæхъуыд, уыдоны сывæллæттæ, - загътой уагдонады.
Сывæллæттæн уыдзæн арæзт цыппархаттон хæлц. Афтæ ма сæм æнхъæлмæ кæсынц хъазтытæ, конкурстæ, балцтæ, райрæзынгæнæн æмæ сфæлдыстадон мадзæлттæ.
Сывæллоны лагермæ ныффыссынæн хъæуы бадзурын Ахуырады министрадмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0