Хуссар Ирыстоны фесæфти 52-аздзыд нæлгоймаг, агурынц æй милици æмæ бынæттон цæрджытæ

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Ирыстоны фесæфти 52-аздзыд нæлгоймаг, агурынц æй милици æмæ бынæттон цæрджытæ
Хуссар Ирыстоны фесæфти 52-аздзыд нæлгоймаг, агурынц æй милици æмæ бынæттон цæрджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытæ, афтæ ма Бихъары хъæуы цæрджытæ агурынц 52-аздзыд æмхъæуккаджы. Уый ацыд цыппæрæмы хæдзарæй æмæ не ᾿рбаздæхт.
Куыд хъусын кæны МХМ пресс-службæ, Цхинвалы районы МХФ майрæмбоны æрбадзырдтой Дудайты Ибрагимы хæстæджытæ. Уыдон фехъусын кодтой нæлгоймаг кæм ис, уый бæрæг кæй нæу цыппæрæмæй.
"Милицийы кусджытæ æмæ Бихъары цæрджытæ æрæвнæлдтой нæлгоймаджы агуырдон куыстытæм. Ориентировкæ фесæфтуæвæгыл æрвыст æрцыд æппæт мидхъуыддæгты горæттаг æмæ районты фæткдаруæттæм", - банысан кодтой министрады.
Уагдонад куры æмбæстæтгтæй, кæд искæмæ ис информаци нæлгоймаджы бынаты тыххæй, фехъуысын кæнын номыртæ 45-65-15, 102, 8 929 807 25 85.
Ног хабӕртты лентӕ
0