Хуссар Ирыстоны, Уæрæсе æмæ Абхазы дипломаттæ æрныхас кодтой Женеваг форматыл Мæскуыйы

© Sputnik / Наталья СеливерстоваХуссар Ирыстоны, Уæрæсе æмæ Абхазы дипломаттæ æрныхас кодтой Женеваг форматыл Мæскуыйы
Хуссар Ирыстоны, Уæрæсе æмæ Абхазы дипломаттæ æрныхас кодтой Женеваг форматыл Мæскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik. Мæскуыйы ацыдис Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы националон делегацийы разамонджытæ УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузин, Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин æмæ Абахазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Ираклий Тужбаимæ фембæлд. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы ФХМ пресс-службæ.
"Кæрæдзийæн нæ хъуыдытæ раргом кодтам актуалон темæтæ Æхсæнадæмон женеваг дискусситы боны тыххæй, цалдæр боны фæстæ ÆЖД раунд райдайынмæ цæттæгæнгæйæ", - банысан кодтой министрады.
Фарсытæ бахахх кодтой дардддæры æнгом координаци иумæйаг приоритеттæ раразмæ кæнынæн, уыимæ иумæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фидар æдасдзинады фарстаты комплексыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0