Цхинвалы афтектæй иуы ссардтой тобæгонд препаратты 500 фылдæр капсулæйы

© Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы афтектæй иуы ссардтой тобæгонд препаратты 500 фылдæр капсулæйы
Цхинвалы афтектæй иуы ссардтой тобæгонд препаратты 500 фылдæр капсулæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытæ ссардтой Джиоты А. проспекты афтектæй иуы тобæгонд препараты 500 фылдæр капсулæйы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
"Мадзалы рæстæджы оперативон кусджытæ ссардтой "Габапентин"-ы 490 капсулæйы æмæ "Катэна"-йы 60 капсулайы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Истгонд капсулæтæ арвыстой басгæрстмæ МХМ экспертон-криминалистон центрмæ, уым рабæрæг буарад "Габапентин"-ы 200 граммæй фылдæр уæвынад.
Афтечы хицау, республикæйы 24-аздзыд цæрæгмæ закъонмæ гæсгæ (РХИ Закъоны 4 хай,6 уац) хауы фондз азæй аст азмæ ахæстоны сбадын, афтæ ма штраф 800 000 сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0