Башкортостаны контролон-нымайӕн палатӕйы делегаци ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирмӕ кусӕгон балцы

© Sputnik / Natalia AiriyanРХИ контролон-нымайӕн палатӕ
РХИ контролон-нымайӕн палатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 июл – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстонмӕ кусӕгон балцы ӕрцӕудзӕн Башкортостаны контролон-нымайӕн палатӕйы делегаци уагдоны разамонӕг Константин Шагимуратовы сӕргълӕудӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны контролон-нымайӕн палатӕйы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Хуыбылты Вадим президент Гаглойты Аланы рабадты рӕстӕджы тыхон структурӕты разамонджытимӕ.
"Майрӕмбоны нӕм ӕрцӕудзысты уазджытӕ Башкирийӕ. Делегацийы сконды сты контролон-нымайӕн палатӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ кусджытӕ. Тымбыл фынджы фӕлгӕтты мах нывӕндӕм ӕрдзурын Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны нымайӕн палатӕты куыстыл паддзахадон органтимӕ. Уымӕй дарддӕр фӕнд кӕнӕм бафыссын бадзырд ӕмгуыстад ӕмӕ ӕмархайды фӕдыл", - загъта Хуыбылты Вадим.
Уый ма радзырдта президентӕн республикӕйы контролон-нымайӕн палатӕйы ныры куыстыты тыххӕй дӕр. Хуыбылты Вадим банысан кодта, ныртӕккӕ уагдон кӕй уадзы ӕртӕ басгӕрсты: Республикон рынчындоны, Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады. Афтӕ ма боны фӕткы ис Гуфта-Къуаиса фӕндаджы арӕзтады ӕмӕ Дзауы районы ЦКХ куыстыты хайы багӕрст Къуаисайы.
Ног хабӕртты лентӕ
0