Фӕдагуырд фӕцис: Хуссар Иры генпрокурор Дзабиты Иналы хъуыддаджы статусы тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanСобаты Григорий
Собаты Григорий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 июл – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурӕ фӕцис Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл фӕдагуырд, ныртӕккӕ азымджынтӕ зонгӕ кӕнынц ӕрмӕджытимӕ, уый фӕстӕ уголовон хъуыддаг бадӕтдзысты тӕрхондонмӕ, радзырдта цӕстдардон уагдоны сӕргълӕууӕг Собаты Григорий Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланӕн паддзахады сӕргълӕууӕджы рабадты рӕстӕджы тыхон структурӕты минӕвӕрттимӕ.
"Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдагуырд фӕцис. Азымджынтӕ хъуыддаджы ӕрмӕджытимӕ куы базонгӕ уой, уӕд ӕй барвитдзыстӕм тӕрхондонмӕ", - загъта Собаты Григорий.
Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурӕ фехъусын кодта марты, Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл развӕлгъау фӕдагуырд кӕй фӕцис. Уӕд уголовон хъуыддаджы ӕрмӕджытӕ цӕттӕ кодтой зианбаййафджытӕ, азымджынтӕ ӕмӕ сӕ адвокаттӕн бавдисынмӕ, цӕмӕй семӕ базонгӕ уой.
Ног хабӕртты лентӕ
0