Хуссар Иры фæивар æмæ феддæдуар кодтой паддзахадон арæны фехалæг 6 гуырдзиаджы

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстоны фæивар æмæ феддедуар кодтой паддзахадон арæнтæ фехалæг 6 гуырдзиаджы
Хуссар Ирыстоны фæивар æмæ феддедуар кодтой паддзахадон арæнтæ фехалæг 6 гуырдзиаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй æхсæз гуырдзиаджы тæрхондоны скъуыддзагæй фæивар кодтой æмæ феддæдуар кодтой паддзахадæй, фехъусын кодтой къуырисæры республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
Комитеты банысан кодтой, гуырдзиæгты кæй æрурæдтой хуссарирытстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ Цхинвалы районы Громы хъæуы.

"Гуырдзыстоны Гуры муниципалитеты Меджврисхевийы хъæуы цæрджытæ – 48-аздзыд Паата Бебнадзе, 30-аздзыд Бека Бегиашвили, 26-аздзыд Мамука Гелиашвили, 36-аздзыд Тариэл Куджошвили, 28-аздзыд Гога Унадзе, афтæ ма 23-аздзыд Гуры муниципалитеты Арисийы хъæуы цæрæг Ника Балиашвили нозтджынæй барæй рахызтысты хуссарирыстойнаг арæны сæрты Цхинвалы районы Громы хъæуы", - банысан кодтой комитеты.

ПÆК бафтыдтой, арæнхалджыты РХИ "Паддзахадон арæны тыххæй" закъоны 14 уацмæ гæсгæ 10 июлы феддæдуар кодтой республикæйы арæнтæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0