Хуссар Иры байгом уыдзæн фæсивæдон этнолагерь

Этнолагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik. Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет организаци кæны этнографион лагерь æнахъомтæн Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Начърепайы хъæуы. Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæйы минæвар Джуссойты Диана куыд радзырдта Sputnik-æн, афтæмæй фыццаг къорд ацæудзæн лагермæ мæйы кæрон.
"Этнолагеры ис ахуырадон, спортивон-туристон, культурон-хиирхæфсæн программæтæ. Ацы программæты фæлгæтты æвзонг адæм райсдзысты практикон зонындзинæдтæ националон къæбиц, ирон адæмы традицитæ æмæ æгъдæуттæ, националон хореографи æмæ ирон хъæзтытæй", - банысан кодта пресс-секретарь.
Уый бахахх кодта, лагерь кæй бакæндзысты цыппæрæм хатт æмæ арæзт уыдзæн дыууæ хайæ.
"Лагеры уыдзæн 60 хайадисæджы. Афтæ ма дзы архайдзысты дæс хистæры персоналы скондæй. Алкæцы къорд дæр дзы уыдзæн авд боны дæргъы", - загъта Джуссойты Диана.
Пресс-секретарь бафтыдта, зæгъгæ, этнолагеры хæслæвæрдтæ сты активон æмæ бæрнон æмбæстæгты хъомылад, кæцыты фæнды райтынг кæнын националон традицитæ æмæ культурæ.
Хайад райсыны фæдыл куырдиат гæнæн ис бадæттын 15 июлы онг фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитетмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0