https://sputnik-ossetia.com/20230711/nog-art-obekt-khuytsauy-arta-tsassydzhy-savardtoy-khussar-iry-24405846.html
Ног арт-объект "Хуыцауы ӕртӕ цӕссыджы" сӕвӕрдтой Хуссар Иры
Ног арт-объект "Хуыцауы ӕртӕ цӕссыджы" сӕвӕрдтой Хуссар Иры
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ног арт-объект "Хуыцауы ӕртӕ цӕссыджы" сӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны Урстуалты Ручъы хъӕуы. Дыууӕ тонны уӕзӕн объектыл ис... 11.07.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-07-11T12:25+0300
2023-07-11T12:25+0300
2023-07-11T12:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/0a/24398439_0:24:1280:744_1920x0_80_0_0_35fc20dfea390c5f43d51db2752fb813.jpg
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ног арт-объект "Хуыцауы ӕртӕ цӕссыджы" сӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны Урстуалты Ручъы хъӕуы. Дыууӕ тонны уӕзӕн объектыл ис Ирыстоны ӕртӕ сӕйраг кувӕндоны - Реком, Таранджелоз ӕмӕ Мыкалгабыры нысӕнттӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн амалиуӕггӕнӕг, проекты инициатор Хуыбиаты Альберт.Национ уырнынадмӕ гӕсгӕ ӕртӕиуон символ нысан кӕны нарт Батрадзы мӕлӕтыл Хуыцау цы ӕртӕ цӕссыджы ӕрӕппӕрста, уый. Хъынцъымгӕнӕг дунескӕнӕджы цӕссыгтӕ кӕм ӕрхаудтой, уым фӕзындысты ӕртӕ сӕйраг кувӕндоны.Хуыбиаты Альберты ныхӕстӕм гӕсгӕ, цалынмӕ хъуыддагмӕ бавнӕлдтой, уӕдмӕ бауынаффӕ кодтой нывгӕнджытӕ, аразджытӕ ӕмӕ экскурсоводтимӕ. Йӕ проект йын бацӕттӕ кодта нывгӕнӕг Дзанайты Слава."Хуыцауы ӕртӕ цӕссыджы" сцӕттӕ кодтой Хуыбиаты Альберты цехы, ӕмбырд ӕй кодтой бынаты цыппар боны дӕргъы. Ныридӕгӕн уый у цӕттӕ, йемӕ къамтӕ исынц бӕлццӕттӕ ӕмӕ туристтӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/0a/24398439_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_eac1ebc31801a228cf721e2405e61889.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Ног арт-объект "Хуыцауы ӕртӕ цӕссыджы" сӕвӕрдтой Хуссар Иры
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ног арт-объект "Хуыцауы ӕртӕ цӕссыджы" сӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны Урстуалты Ручъы хъӕуы. Дыууӕ тонны уӕзӕн объектыл ис Ирыстоны ӕртӕ сӕйраг кувӕндоны - Реком, Таранджелоз ӕмӕ Мыкалгабыры нысӕнттӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн амалиуӕггӕнӕг, проекты инициатор Хуыбиаты Альберт.
Национ уырнынадмӕ гӕсгӕ ӕртӕиуон символ нысан кӕны нарт Батрадзы мӕлӕтыл Хуыцау цы ӕртӕ цӕссыджы ӕрӕппӕрста, уый. Хъынцъымгӕнӕг дунескӕнӕджы цӕссыгтӕ кӕм ӕрхаудтой, уым фӕзындысты ӕртӕ сӕйраг кувӕндоны.
"Арт-объектӕн бынат æвзæрст ӕрцыд Урстуалты, зӕгъӕн ис, ацы бынат ис Ирыстоны ӕртӕ сӕйраг кувӕндоны хсӕн", - загъта уый.
Хуыбиаты Альберты ныхӕстӕм гӕсгӕ, цалынмӕ хъуыддагмӕ бавнӕлдтой, уӕдмӕ бауынаффӕ кодтой нывгӕнджытӕ, аразджытӕ ӕмӕ экскурсоводтимӕ. Йӕ проект йын бацӕттӕ кодта нывгӕнӕг Дзанайты Слава.
"Хуыцауы ӕртӕ цӕссыджы" сцӕттӕ кодтой Хуыбиаты Альберты цехы, ӕмбырд ӕй кодтой бынаты цыппар боны дӕргъы. Ныридӕгӕн уый у цӕттӕ, йемӕ къамтӕ исынц бӕлццӕттӕ ӕмӕ туристтӕ.