Уæрæсе рахицæн кæндзæн Хуссар Иры газифтонгадæн 2,7 миллиард сомы бæрц – Гаглойты Алан

© Sputnik / Александр КряжевГаз
Газ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Плиты Фатимæ. Уæрæсейаг паддзахадон корпораци Газпром рахицæн кæндзæн Хуссар Ирыстоны газифтонгадæн 2,7 миллиард сомы бæрц, фехъусын кодта президент Гаглойты Алан Дзауы районы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы.
Фембæлд ацыд Дзауы поселочы Культурæйы хæдзары. Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ цæттæ цæуы æхсæнхицауадон бадзырд республикæйы районтæ æмæ хъæуты газифтонгады фæдыл.
"Ныртæккæ куыст цæуы ног æхсæнхицауадон бадзырдыл. Рахицæн кæндзысты дыууæ миллиард æмæ 750 милуан сомы. Ахæм суммæ Хуссар Ирыстоны газифтонгадæн рахицæн кæндзысты фыццаг хатт", - загъта президент.
Гаглойты Алан банысан кодта, сæйраг газон коммуникацитæ республикæйы районон центрты онг уадздзысты Газпромы тыхтæй, цæрæн пунктты мидæг та куыстытæ цæудзысты фæрæзты фæрцы, кæцытæ рахицæн кæндзæн Уæрæсейы хицауад.
Ног хабӕртты лентӕ
0