https://sputnik-ossetia.com/20230714/gagloyty-alan-kuyst-tsuy-nog-khsnkhitsauadon-badzyrdyl-khussar-iry-gaziftongady-fdyl-24486588.html
Гаглойты Алан: куыст цæуы ног æхсæнхицауадон бадзырдыл Хуссар Иры газифтонгады фæдыл
Гаглойты Алан: куыст цæуы ног æхсæнхицауадон бадзырдыл Хуссар Иры газифтонгады фæдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейаг паддзахадон корпораци Газпром рахицæн кæндзæн Хуссар Ирыстоны газифтонгадæн 2,7 миллиард сомы бæрц, фехъусын кодта президент Гаглойты Алан Дзауы... 14.07.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-07-14T14:25+0300
2023-07-14T14:25+0300
2023-07-14T14:26+0300
радио иронау
гаглойты алан
ног хабӕрттӕ
дзауы район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/0e/24486220_0:0:600:338_1920x0_80_0_0_6bf0dd1329f588408de1e11a19b24a59.jpg
Гаглойты Алан: куыст цæуы ног æхсæнхицауадон бадзырдыл Хуссар Иры газифтонгады фæдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Алан: куыст цæуы ног æхсæнхицауадон бадзырдыл Хуссар Иры газифтонгады фæдыл
Уæрæсейаг паддзахадон корпораци Газпром рахицæн кæндзæн Хуссар Ирыстоны газифтонгадæн 2,7 миллиард сомы бæрц, фехъусын кодта президент Гаглойты Алан Дзауы районы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы.Фембæлд ацыд Дзауы поселочы Культурæйы хæдзары. Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ цæттæ цæуы æхсæнхицауадон бадзырд республикæйы районтæ æмæ хъæуты газифтонгады фæдыл."Ныртæккæ куыст цæуы ног æхсæнхицауадон бадзырдыл. Рахицæн кæндзысты дыууæ миллиард æмæ 750 милуан сомы. Ахæм суммæ Хуссар Ирыстоны газифтонгадæн рахицæн кæндзысты фыццаг хатт", - загъта президент.Гаглойты Алан банысан кодта, сæйраг газон коммуникацитæ республикæйы районон центрты онг уадздзысты Газпромы тыхтæй, цæрæн пунктты мидæг та куыстытæ цæудзысты фæрæзты фæрцы, кæцытæ рахицæн кæндзæн Уæрæсейы хицауад.Бæcтондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/0e/24486220_49:0:582:400_1920x0_80_0_0_67c9c20824fbe000dbaf3b2cddc65a31.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , гаглойты алан, ног хабӕрттӕ, дзауы район, аудио
радио иронау , гаглойты алан, ног хабӕрттӕ, дзауы район, аудио
Уæрæсейаг паддзахадон корпораци Газпром рахицæн кæндзæн Хуссар Ирыстоны газифтонгадæн 2,7 миллиард сомы бæрц, фехъусын кодта президент Гаглойты Алан Дзауы районы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы.
Фембæлд ацыд Дзауы поселочы Культурæйы хæдзары. Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ цæттæ цæуы æхсæнхицауадон бадзырд республикæйы районтæ æмæ хъæуты газифтонгады фæдыл.
"Ныртæккæ куыст цæуы ног æхсæнхицауадон бадзырдыл. Рахицæн кæндзысты дыууæ миллиард æмæ 750 милуан сомы. Ахæм суммæ Хуссар Ирыстоны газифтонгадæн рахицæн кæндзысты фыццаг хатт", - загъта президент.
Гаглойты Алан банысан кодта, сæйраг газон коммуникацитæ республикæйы районон центрты онг уадздзысты Газпромы тыхтæй, цæрæн пунктты мидæг та куыстытæ цæудзысты фæрæзты фæрцы, кæцытæ рахицæн кæндзæн Уæрæсейы хицауад.
Бæcтондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.