Милици æмæ ирвæзынгæнджытæ басгæрстой æдасдзинады мадзæлттæ Знауыры районы улæфæн бынæтты

© Sputnik / Natalia AiriyanМилици æмæ ирвæзынгæнджытæ басгæрстой æдасдзинады мадзæлттæ Знауыры районы улæфæн бынæтты
Милици æмæ ирвæзынгæнджытæ басгæрстой æдасдзинады мадзæлттæ Знауыры районы улæфæн бынæтты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы милицийы кусджытæ Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) минæвæрттимæ иумæ ауагътой профилактикон рейдон мадзæлттæ цæрджыты улæфæн бынæттæ. Уыдон басгæрстой районы донбылгæрæттæ æмæ æрныхас кодтой улæфджытимæ æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæныныл, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Барадхъахъхъæнджытæ бафæдзæхстой улæфджыты, кæй нæй гæнæн найын расыгæй, афтæ ма сын бамбарын кодтой бæрндзинады мадзæлттæ æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Барадхъахъхъæнджытæ сæйраг хъусдард аздæхтой сывæллæтты æдасдзинады фарстæн æмæ æрсидтысты ныййарджытæм, цæмæй сæ ма уадзой æнæ хъусдардæй.
Милицийы кусджытæ УУМ-имæ иумæ иумæйаг рейдтæ уадзынц æрвылаз найæн сезоны рæстæджы уагдоны сæргълæууæджы барамындмæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0