https://sputnik-ossetia.com/20230714/prezident-skhorzakhdzhyn-kodta-fidauynganag-tykhty-veteranty-24480931.html
Президент схорзӕхджын кодта фидауынгӕнӕг тыхты ветеранты
Президент схорзӕхджын кодта фидауынгӕнӕг тыхты ветеранты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фидауынгӕнӕг тыхты баконды 31 азы цытӕн схорзӕхджын кодта службӕйы ветеранты. 14.07.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-07-14T12:09+0300
2023-07-14T12:09+0300
2023-07-14T12:09+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/0e/24477220_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_d81c93c39ac919e0e918839791730f05.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фидауынгӕнӕг тыхты баконды 31 азы цытӕн схорзӕхджын кодта службӕйы ветеранты. Бӕрзонд хорзӕх - майдан "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн" райстой фидауынгӕнӕг тыхты кусджытӕ Гаглойты Юрий, Хъуылымбегты Алан ӕмӕ Тыджыты Юрий. Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта ӕфсӕддонтӕн ӕмӕ сын загъта бузныджы ныхӕстӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинады тыххӕй. Паддзахады разамонӕг ма бафиппайдта, фидауынгӕнӕг тыхтӕ кӕй бахастой стыр хайбавӕрд Хуссар Ирыстоны сӕндидзын кӕныны хъуыддагмӕ. Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны нысан кӕнынц Фидауынгӕнӕджы бон. 1992 азы 14 июлы гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонӕмӕ бакодтой ӕмхӕццӕ тыхтӕ сабырад бахъахъхъӕнынӕн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/0e/24477220_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_85581b45d0251a04bad2e242d02cb1a2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Президент схорзӕхджын кодта фидауынгӕнӕг тыхты ветеранты
ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фидауынгӕнӕг тыхты баконды 31 азы цытӕн схорзӕхджын кодта службӕйы ветеранты.
Бӕрзонд хорзӕх - майдан "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн" райстой фидауынгӕнӕг тыхты кусджытӕ Гаглойты Юрий, Хъуылымбегты Алан ӕмӕ Тыджыты Юрий.
Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта ӕфсӕддонтӕн ӕмӕ сын загъта бузныджы ныхӕстӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинады тыххӕй.
"Фыццаг рады уӕм мах фӕдзырдтам, цӕмӕй уын бузныг зӕгъӕм уӕ фыдӕбон ӕмӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинады тыххӕй. Мах иууылдӕр хъуыды кӕнӕм, Хуссар Ирыстоны зӕхмӕ фыццаг хатт куыд ӕрцыдысты фидауынгӕнӕг тыхтӕ ӕмӕ сыл ныфсы цӕссыгтимӕ куыд ӕмбӕлдысты адӕм", - загъта президент.
Паддзахады разамонӕг ма бафиппайдта, фидауынгӕнӕг тыхтӕ кӕй бахастой стыр хайбавӕрд Хуссар Ирыстоны сӕндидзын кӕныны хъуыддагмӕ.
"Сымах номӕй бузныг зӕгъын ӕппӕт фидауынгӕнджытӕн. Ӕнӕ сымхай зын уыдаид Хуссар Ирыстоны бындур ӕрӕвӕрын", - бахахх кодта президент.
Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны нысан кӕнынц Фидауынгӕнӕджы бон. 1992 азы 14 июлы гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонӕмӕ бакодтой ӕмхӕццӕ тыхтӕ сабырад бахъахъхъӕнынӕн.