Хуссар Иры волонтертӕ сидынц фӕсивӕдмӕ СӔО хӕстонтӕн экипировкӕ аразынмӕ фӕкӕсынмӕ

© Photo : Из архива О.МихаилидиХуссар Иры волонтертӕ сидынц фӕсивӕдмӕ СӔО хӕстонтӕн экипировкӕ аразынмӕ фӕкӕсынмӕ
Хуссар Иры волонтертӕ сидынц фӕсивӕдмӕ СӔО хӕстонтӕн экипировкӕ аразынмӕ фӕкӕсынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны волонтертӕ сидынц фӕсивӕдмӕ Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) ирон хӕстонтӕн экипировкӕ аразынмӕ. Ацы хъуыддагыл хъӕуы уӕлӕмхас ӕххуысгӕнджытӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта горӕт Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы директор, волонтерон змӕлды инициатортӕй иу Ольга Михаилиди.
"Мӕ сидт у фӕсивӕдмӕ, студенттӕм. Волонтерон куыст у ӕрыгӕтты хъуыддаг. Æрбамбал ут, иу сахат уӕддӕр рахицӕн кӕнут. Ацы ӕрмӕг тынг ӕнӕмӕнгхъӕугӕ у нӕ лӕппутӕн сӕрмагонд хӕстон операцийы", - загъта Ольга Михаилиди.
Ныридӕгӕн волонтерттӕ кусынц дыууӕ бынаты, ӕмрӕстӕджы быд цӕуы цыппар хызы. Ӕртӕ бирӕн ифтонгад сӕвӕрдтой паддзахадон телеуынынады бӕстыхайы, иу та Хъайтарты уынджы 25 хӕдзары кӕрты.
Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайӕг хӕстонтӕн ӕмбӕхсӕн хызӕгтӕ бийыны куыст срӕвдз кодта уалдзӕджы дыккӕгӕм скъолайы ахуыргӕнӕг, стӕй йӕм бамбал сты ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ дӕр. Нырмӕ уал бантыст хӕстонтӕн арвитын 360 квадратон метры ӕмбӕхсӕн хыз.
Ног хабӕртты лентӕ
0