https://sputnik-ossetia.com/20230718/dzaudzhykhauma-artsydysty-akhsaz-nog-avtobusy-24536347.html
Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрцыдысты ӕхсӕз ног автобусы
Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрцыдысты ӕхсӕз ног автобусы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 июл – Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы фӕзындысты фыццаг ног автобустӕ ПАЗ Vector Next, хъусын кӕны столицӕйы администрацийы пресс-службӕ. 18.07.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-07-18T10:00+0300
2023-07-18T10:00+0300
2023-07-18T10:00+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
дзӕуджыхъӕу
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/1b/22174935_0:51:980:602_1920x0_80_0_0_42b45a72c976360f1eccde8cd962936e.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 июл – Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы фӕзындысты фыццаг ног автобустӕ ПАЗ Vector Next, хъусын кӕны столицӕйы администрацийы пресс-службӕ.Автобустӕ ӕлхӕд ӕрцыдысты ПАО "Сбербанк"-имӕ лизинг бадзырды фӕлгӕтты ӕхсӕнадон транспорты модернизацийы фӕдыл куыстыты рӕстӕджы. Республикӕмӕ ацы бадзырдмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдӕппӕт ӕрцӕуой ӕхсӕнадон транспорты 28 иуӕджы. Ӕхсӕз автобусы ӕрцыдысты абон, аннӕтӕ та ӕввахс рӕстӕджы.Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы Федерацийы транспорты министрад хорзыл банымадта куырдиат 300 милуан сомы бӕрц субсидитӕ райсыны фӕдыл. Уый руаджы ӕлхӕд ӕрцӕудзысты ноджы 32 автобусы горӕты маршруттӕн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/1b/22174935_54:0:926:654_1920x0_80_0_0_717209e10a7956d553eb3dbad62bb5a7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, дзӕуджыхъӕу
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, дзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрцыдысты ӕхсӕз ног автобусы
ЦХИНВАЛ, 18 июл – Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы фӕзындысты фыццаг ног автобустӕ ПАЗ Vector Next, хъусын кӕны столицӕйы администрацийы пресс-службӕ.
"Ног транспортон фӕрӕзтӕн ис кондиционеры системӕ, видеоцӕстдарды камерӕтӕ, электронон табло, тахографтӕ, ГЛОНАСС/GPS мониторингы системӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Автобустӕ ӕлхӕд ӕрцыдысты ПАО "Сбербанк"-имӕ лизинг бадзырды фӕлгӕтты ӕхсӕнадон транспорты модернизацийы фӕдыл куыстыты рӕстӕджы. Республикӕмӕ ацы бадзырдмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдӕппӕт ӕрцӕуой ӕхсӕнадон транспорты 28 иуӕджы. Ӕхсӕз автобусы ӕрцыдысты абон, аннӕтӕ та ӕввахс рӕстӕджы.
Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы Федерацийы транспорты министрад хорзыл банымадта куырдиат 300 милуан сомы бӕрц субсидитӕ райсыны фӕдыл. Уый руаджы ӕлхӕд ӕрцӕудзысты ноджы 32 автобусы горӕты маршруттӕн.