Цхинвалы æфтауцы ссардтой хæстæрмæджыты егъау парти – УУМ

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОЦхинвалы æфтауцы ссардтой хæстæрмæджыты егъау парти
Цхинвалы æфтауцы ссардтой хæстæрмæджыты егъау парти - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) сапертæ ссардтой æмæ райстой скуынæг кæнынæн автоматикон гранатæхсæн æмæ егъау нæмыгзгъалы хæтæрмæджытæ Цхинвалы æфтауцтæй иуы, хъусын кæны дыццæджы уагдоны пресс-службæ.
Хæстæрмæджытæ ссардтой Паддзахадон уагдон "Мелиорация"-йы æфтауцты Нарты уынгыл, банысан кодтой УУМ.
Цауы бынатмæ ацыдысты ирвæзынгæнæн уагдоны сапертæ. Уыдон ссардтой АГС-17 гранатæхсæнмæ 28 сармадзаны, 12,7 миллиметры калибры 160 нæмыджы, 120-миллиметрон минæтæхсæны сармадзантæм 12 рæмудзæны.
Рæмудзæн æрмæджытæ иууылдæр райстой æмæ сæ аластой скуынæг кæнынмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0