https://sputnik-ossetia.com/20230719/khussar-iry-amdzariny-khau-khatynts-sa-khauy-zarond-nom-tsinagar-razdakhyn--24558818.html
Хуссар Иры Ӕмдзӕрины хъӕу хатынц сӕ хъӕуы зӕронд ном "Цъинагар" раздахын
Хуссар Иры Ӕмдзӕрины хъӕу хатынц сӕ хъӕуы зӕронд ном "Цъинагар" раздахын
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Ӕмдзӕрины хъӕуы цӕрджытӕ хатынц фӕстӕмӕ раздахын сӕ зӕронд ном - Цъинагар, уый тыххӕй... 19.07.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-07-19T17:33+0300
2023-07-19T17:33+0300
2023-07-19T17:33+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ленингоры район
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/12/24543167_0:67:1280:787_1920x0_80_0_0_c1e2c0ae2ca7bb8c851d8543ae2fe85f.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Ӕмдзӕрины хъӕуы цӕрджытӕ хатынц фӕстӕмӕ раздахын сӕ зӕронд ном - Цъинагар, уый тыххӕй цӕрджытӕ ӕрдзырдтой президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы. Хуссар Ирыстоны 2010 азӕй фӕстӕ архайдта сӕрмагонд къамис, кӕцы куыста гуырдзиаг топонимтӕ ивыныл. Паддзахады разамонӕг бафиппайдта, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной ӕнӕмӕнгхъӕугӕ гӕххӕттытӕ ӕмӕ сӕ бадӕттой къамисмӕ."Къамис цӕрджыты хъуыдыйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ алыг кӕндзӕн ацы фарст", - загъта президент. Хъӕуы хицау Хуыбылты Маирбег радзырдта Sputnik-ӕн, хъӕуы ном ивд кӕй ӕрцыд цӕрджыты ӕнӕбафӕрсгӕйӕ. Хъӕуы администрацийы хистӕр ма бафиппайдта, уыдон рагӕй архайынц, цӕмӕй сын раздахой сӕ раздӕры ном, цалдӕр хатт ауагътой ӕмбырд, ӕрӕмбырд кодтой къухфыстытӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/12/24543167_72:0:1209:853_1920x0_80_0_0_426d26c2e418d6fdded563f4fce2a335.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район, гаглойты алан
Хуссар Иры Ӕмдзӕрины хъӕу хатынц сӕ хъӕуы зӕронд ном "Цъинагар" раздахын
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Ӕмдзӕрины хъӕуы цӕрджытӕ хатынц фӕстӕмӕ раздахын сӕ зӕронд ном - Цъинагар, уый тыххӕй цӕрджытӕ ӕрдзырдтой президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
Хуссар Ирыстоны 2010 азӕй фӕстӕ архайдта сӕрмагонд къамис, кӕцы куыста гуырдзиаг топонимтӕ ивыныл.
Паддзахады разамонӕг бафиппайдта, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной ӕнӕмӕнгхъӕугӕ гӕххӕттытӕ ӕмӕ сӕ бадӕттой къамисмӕ.
"Къамис цӕрджыты хъуыдыйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ алыг кӕндзӕн ацы фарст", - загъта президент.
Хъӕуы хицау Хуыбылты Маирбег радзырдта Sputnik-ӕн, хъӕуы ном ивд кӕй ӕрцыд цӕрджыты ӕнӕбафӕрсгӕйӕ.
"Нӕ хъусдард аздахӕм ныхасы уидагмӕ. Цъинагар дзырд рацӕуы цинӕй, мах та схуыдтой ӕмдзӕрӕн дӕр нӕ, фӕлӕ Ӕмдзӕрин, ныр уым зӕрдӕмӕдзӕугӕ цы ис", - загъта уый.
Хъӕуы администрацийы хистӕр ма бафиппайдта, уыдон рагӕй архайынц, цӕмӕй сын раздахой сӕ раздӕры ном, цалдӕр хатт ауагътой ӕмбырд, ӕрӕмбырд кодтой къухфыстытӕ.