Президент бабӕрӕг кодта бӕстӕйы иунӕг сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ Сывӕллӕтты галуан Ленингоры

© Sputnik / Фатима ПлиеваПрезидент бабӕрӕг кодта бӕстӕйы иунӕг сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ Сывӕллӕтты галуан Ленингоры
Президент бабӕрӕг кодта бӕстӕйы иунӕг сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ Сывӕллӕтты галуан Ленингоры  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йӕ балцы рӕстӕджы Ленингоры районмӕ бабӕрӕг кодта Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан посёлочы.
Президентӕн фенын кодтой уагдоны хицӕн секцийы хъомылгӕнинӕгты куыстытӕ. Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны директор Быценты Гуло паддзахады разамонӕгӕн балӕвар кодта сӕ хъомылгӕнинӕгты куыстытӕй хуыздӕр.
"Тынг хорз кусут. Абон балцы ныффӕлладтӕн, фӕлӕ уӕ къӕсӕрӕй куы рбахызтӕн ӕмӕ уый ӕппӕт рӕсугъддзинад куы федтон, уӕд мӕ фӕллад дӕр фӕлыгъд", - загъта президент Гаглойты Алан.
Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны тӕккӕ цур уӕвынад кӕны республикӕйы иунӕг сывӕллӕтты хӕдзар. Сӕрдыгон улӕфтыты рӕстӕг уым ис цъус сывӕллӕттӕ.
Президент сывӕллӕттӕм бацыд лӕвӕрттимӕ, фӕлӕ йӕ уыдон дӕр афтид къухӕй нӕ рарвыстой. Сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинаг Наниты Чермен паддзахады разамонӕгӕн радта йӕхи конд хъӕдын чыргъӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0